Хистæркъласонтæ хъазты хуызы æмæ профессионалтимæ ныхас кæнгæйæ ахуыр кæнынц гиды ассистенты дæсныйады бындуртыл.
Фидæны дæсныйадмæ цæттæдзинад. Республикæйы 6 скъолайы фæзынд туристон кълæстæ. Хистæркъласонтæ хъазты хуызы æмæ профессионалтимæ ныхас кæнгæйæ ахуыр кæнынц гиды ассистенты дæсныйады бындуртыл. Ахуыртæ райдыдтой фарон сентябры, апрелы та уыдзæн хатдзæгтæгæнæн аттестаци. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Æдзæрæг сакъадахы хæстæ байуарын æнцон хъуыддаг нæу. 9-æмкъласонтæн ахсджиаг у æппæт лыстæг хъуыддæгтыл ахъуыды кæнын, цæмæй наусæфты фæстæ аирвæзой. Ахæм таурæгъ сын хъазтмæ гæсгæ æрхъуыды кодтой сывæллæтты туризмы райрæзты республикон центры проекты разамонджытæ. Хъæуы кæрæдзиимæ баныхас кæнын, закъонтæ снысан кæнын, лидеры равзарын. Ахуыргæнæг уайтагъд бафиппайдта чызджытæн æмæ лæппутæн алыхуызон ахаст кæй ис, уый.
Ахæм хъазт сывæллæттæн арæзт цæуы «кæрæдзиимæ ныхас кæныны теори æмæ практикæ»-йы модульмæ гæсгæ. Рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнынц коммуникацийы алы хуызтыл.
Сыхаг кабинеты 8-æмкъласонтæ фæлварынц, хæххон экскурситæ аразыны хицæндзинæдтæ бамбарын. Ныхас кæнынц уæлдæр ахуыргæнæндоны хуымæтæг ахуыргæнæгимæ нæ – практикон гидимæ. Зондамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй скъоладзаутæн туристон кълæстæ сты, сæ зылдакаст фæуæрæхдæр кæныны гæнæн.
Туристон кълæстæ фæзындысты Цæгат Ирыстоны 6 скъолайы. Уыдонæй 5 сты Дзæуджыхъæуы, иу та Æрыдоны 4-æм лицейы. Гидты ассистентты цæттæ кæныны ахуыртæ райдыдтой сентябры. Проекты зондамонджытæ ахуырдзаутимæ æмбæлынц комкоммæ æмæ дистанцион хуызы.
Туристон къабаз ацы лæппутæн æмæ чызджытæн фидæны дæсныйад суыдзæн æви нæ, уый равдисдзæн рæстæг. Фæлæ цы зонындзинæдтæ исынц, уыдон сын æнæмæнг пайда уыдзысты. Апрелы сæм уыдзæн хатдзæгтæгæнæн аттестаци. Æнтыстджынæй йæ чи ацæуа, уыдон райсдзысты, ацы къабазы кусыны бардæттæг официалон гæххæтт.




