08 ноября 2023, 13:34
Республикæйы 9 мин цæрæджы онг балæвæрдтой курдиæттæ электрон дистанцион хъæлæс кæныны тренировкæйы архайынмæ
Аразы йæ Уæрæсейы центрон æвзарæн къамис 1-17-æм ноябрьмæ
Æхсæз боны дæргъы нæ республикæйы 9 мин цæрæджы онг балæвæрдтой курдиæттæ æппæтуæрæсеон электрон дистанцион хъæлæс кæныны тренировкæйы архайынмæ. Аразы йæ Уæрæсейы центрон æвзарæн къамис 1-17-æм ноябрьмæ. Цæмæй дзы бацархайай, уый тыххæй хъæуы бадæттын курдиат паддзахадон лæггæдты порталы уылты, сæрмагонд баннермæ бацæугæйæ. Дарддæр та уын уыдзæнис гæнæн 15-17-æм ноябрьмæ тест ацæуынæн. Бæлвыддæр информаци уæ бон у райсын сайт выборы.гов.ру-йы.
темæмæ гæсгæ




