5-æм сконды хатдзæгтæгæгæн æмбырды республикæйы сæргълæууæджы номæй радзырдта Цæгат Ирыстоны хицауады администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем
Республикæйы Æхсæнадон палатæ хатдзæгтæ скодта 3 азы куыстæн. 5-æм сконды хатдзæгтæгæгæн æмбырды республикæйы сæргълæууæджы номæй радзырдта Цæгат Ирыстоны хицауады администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем. Фæнысан кодта æмгуыстады ахадындзинад республикæйы райрæзтмæ. Æхсæнадон палатæйы 5-æм æмбырды куысты хатдзæгтыл дзургæйæ, йæ сæрдар Уæрæсейы историкты æмæ архивистты æхсæнады регионалон минæварады разамонæг æмæ республикæйы сгуыхт экономист, Нина Чиплакова фæнысан кодта адæмæн ахсджиаг чи у, уыцы фарстатæ лыг кæнын кæй у Палатæйы сæйраг нысантæй иу. Уыдон та сты -экологи, æнæниздзинадхъахъхъæнынад, ахуырад, нациты хсæн ахастдзинæдтæ. Ныртæккæ Æхсæнадон палатæ йæ цæст дары национ проекттæ царды рауадзынмæ. Æнтыстджыныл нымад у, алы æмвæзады æвзæрстытæм сæ бон кæй сси цæст дарын.
Ивгъуыд 3 азмæ каст æрцыд 200 закъоны проектмæ. 22 федералон закъонмæ, уыдонимæ ахæм ахсджиаг темæтæ куыд пенсион реформæ æмæ мадæлон æвзаг барвæндонæй ахуыр кæнын, сарæзтой экспертон къамис.
Сæ ахадындзинад йæ раныхасы фæнысан кодта нæ республикæйы парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус. Уый уыд 2011-æмæй-2017-æм азты Æхсæнадон Палатæйы сæрдар.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ фарон фыццаг хатт нæ республикæйы арæзт уыд æппæтуæрæсеон форум «Сообщество». Ныхас дзы цыд Цæгат Кавказы æмæ регионы туризмы райрæзтыл.
Æмтгæй 2016-2019 азты бацæттæ кодтой æмæ сарæзтой 250 мадзалы, уыдон сты 16 пленарон , 57 Æхсæнадон палатæйы æмбырдтæ, 40 хатты арæзт уыдысты тымбыл стъолтæ, семинартæ, форумтæ, конференцитæ æмæ акцитæ.
Хатдзæгтæгæнæн æмбырды кæронбæттæн республикæйы сæргълæууæг æмæ парламенты номæй Палатæйы уæнгтæн лæвæрд æрцыдысты кады æмæ арфæйы гæххæттытæ.
Хæстæгдæр рæстæг сбæрæг уыдзысты 6-æм сконды минæвæрттæ æмæ уыдон дæр дарддæр æххæст кæндзысты æхсæнадон фарстатæ.




