07 марта 2024, 12:48
Республикæйы æхсæнадон палатæйы арæзт æрцыди 7-æм сконды æхсæнадон цæстдарæн къамисы фыццаг æмбырд
Къамисы уæнгты хыгъд фæфылдæр
Республикæйы æхсæнадон палатæйы арæзт æрцыди 7-æм сконды æхсæнадон цæстдарæн къамисы фыццаг æмбырд. Къамисы уæнгты хыгъд фæфылдæр. Ныр дзы ис 10 адæймаджы. Æхсæнадон цæстдарæн къамис у, ахст адæм кæм сты, уыцы бынæтты адæймаджы бартæ хъахъхъæнынмæ цæстдарды ахсджиаг фæрæз. Къамисæн бындур æвæрд æрцыди, федералон закъоны домæнтæ æххæстгæнгæйæ. Æмбырды архайдтой æхсæнады уæнгтæ, мидхъуыддæгты министрады, прокуратурæйы, республикæйы адæмы бартæ хъахъхъæныны æххстбарджын минæвар, стæй æндæр дзуапдæттæг оргæнтæ.

темæмæ гæсгæ