филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:55 пятница, 18 октября 2024
26 июля 2024, 11:12
Республикæйы Æхсæнадон палатæйы хатдзæгтæ скодтой æвзарæн кампаниты архайыны кандидатты хыгъд сбæлвырд кæныны куыстæн

Куыд сбæрæг, афтæмæй 23 партийæ æвзæрстыты архайдзысты 6

Республикæйы Æхсæнадон палатæйы хатдзæгтæ скодтой регионалон æмæ бынæттон æвзарæн кампаниты архайыны кандидатты хыгъд сбæлвырд кæныны куыстæн. Куыд сбæрæг, афтæмæй 23 партийæ æвзæрстыты архайдзысты 6. Уыдон сты «Либералон-демократон партийы», «Иугонд Уæрæсейы», «Коомунистон партийы», «Рæстдзæвин Уæрæсейы», стæй политикон парти «Ног адæм»-ы регионалон хайæдтæ. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, æвзарæн кампани уыдзæн бæрзонд ерысы æмвæзадыл. Республикæйы сбæлвырд кæндзысты 131 æвзарæн участочы. Се ппæт дæр сифтонг кæндзысты видеоцæстдарды системæйæ. Бынæтты кусдзысты, республикæйы Æхсæндаон палатæ кæй сфидар кодта, уыцы хæдбар æхсæнадон цæстдарджытæ. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 7-æм æмæ 8-æм сентябры Цæгат Ирыстоны æвзардзысты Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны минæвæртты сконды депутатты, стæй цалдæр хъæуы сæргълæуджыты. Дзæуджыхъæуы горæты думæмæ æвзæрстытæ фыццаг хатт цæудзысты хицæн системæмæ гæсгæ. Æвзардзысты 58 депутаты æвдисæндары. Хъæлæс кæныны бон уыдзæн 290 мин æвзарæгæй фылдæрæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania