Ахæм хæс бынæттон администрациты разамонджыты размæ сывæрдта Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ
Республикæйы æмæ горæты боны бæрæгбоны мадзæлттæ хъуамæ каджын уавæры сбæрæг кæной æппæт районты, стæй хъæуты дæр. Ахæм хæс бынæттон администрациты разамонджыты размæ сывæрдта Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Ацы аз 245 азы æххæст кæны Цæгат Ирыстон Уæрæсейы бæрнмæ куы бацыд, 95 азы размæ арæзт æрцы Цæгат Ирыстоны автономон республикæ, 235 азы размæ бындур æвæрд æрцыд нæ сæйраг горæт Дзæуджыхъæуæн. Бæрæгмæттæ бæрзонд æмвæзадыл арвитыфæдыл цы сæрмагонд къорд аразт æрцыд, уыдон æмбырды рæстæг радзырдтой цы куыст бакодтой, уый тыххæй. 21-æм сенябры районты арæзт цæудзысты алы хуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ, спортивон ерыстæ, концерте, чингуыты равдыст, сараздзысты сывæллæтты нывтыконкурс дæр Ацы æмæ æндæр акцитæ арæзт цæудзысты республикæйы боны дæр. Уæдæ ирдæй бæрæггонд цæудзæн Дзæуджыхъæуы 235 азы бон дæр. Сараздзысты кинонывты равдыст, хъæууон хæдзарады армукъа, бæрæгбоны концертæмæ ирон чъириты фестиваль. Бæрæгбоны мадзæлттæ ацæудзысты 22-æм сентябры дæр. Азымты Иринæ бафиппайдта ахсджиаг кæй у æдасдзинады фарста.




