Мæздæджы районы куыстуæтты архайд феныны тыххæй, районмæ кусæг балцы ацыд экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр
Республикæйы æнтыстджындæр къабæзтæй иу у – агропромышленнон комплекс. Къабазы рæзт аразгæ у Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон æнтыстдзинæдтæй. Мæздæджы районы куыстуæтты архайд феныны тыххæй, районмæ кусæг балцы ацыд экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр. Ведомствойы разамонæг федта дзидзайы, æхсыры æмæ кæсагдарæн куыстуæтты продукци. Кусæг балцы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.
Ацы куыстуаты райрæзт ныртæккæ ис йæ тæмæны. Йæ авналæнтæ та æххæссынц æрмæст Мæздæджы районыл нæ, фæлæ æгас республикæйыл. Дыууæсæдæ кусæджы фæллой кæнынц къалбасы продукци чи аразы, ахæм куыстуаты. Мæздæджы районæн та ацы завод радта фидар экономикæ æмæ хорзырдæм фæзынд адæмы царды уавæрыл.
Хойраджы куыст чи кæны, уыцы куыстуат хъуамæ æппæты фылдæр æргом здаха йæ продукцийы хæрзхъæддзинады фарстатæм. Æрмæстдæр афтæмæй у йæ бон егъау федералон куыстуæттимæ ерыс кæнын. Фæлæ сæ уыцы хъуыддаджы къуылымпы кæны хомаджы аргъ.
Экономикæйы райрæзты министр Кучиты Зауыр бабæрæг кодта, æркусынмæ чи цæттæ кæны, уыцы объекттæ дæр. Зæгъæм Луковскийы станицæйы тагъд рæстæг сцæттæ уыдзæнис æхсыры завод. Уый суткæмæ кусдзæнис сæдæ тоннæйы æхсыр.
Ахæм ахадгæ куыст цæуы Троицкийы дæр. Ам та дардзысты уырыссаг кæф. Проект сæххæст кæнынмæ хъæуы стыр ныфс, фæлæ бынæттон кæсагдарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæсагæй бафсаддзысты æрмæст Ирыстон нæ, фæлæ сыхаг регионтæ дæр. Ныртæккæ аразджытæ цæттæ кæнынц бассейнтæ æмæ сæрмагонд агъуыстытæ.
Фидæны куыстуæтты арæзтæдты объекттæ бабæрæг кæныны фæстæ министр фембæлдис мæздæггаг амалхъом адæймæгтимæ. Специалисттæ радзырдтой фарсхæцты мадзæлтты тыххæй. Мæздæджы районæн ис стыр хъомыс, фæлæ бынæттон бизнесментæ нæ пайда кæнынц фарсхæцты мадзæлттæй. Кучиты Зауыры хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ амалхъомады минæвæрттæм афойнадыл æмæ æххæст бæрцæй хæццæ кæна æппæт информаци паддзахадон фарсхæцты тыххæй.
Фермертæ æмæ промышленносты кусджытæ хъаст кæнынц, сæ арæзт продукцийæн æлхæнæг кæй нæй, ууыл. Егъау супермаркеттæ сын æхгæнынц сæ фæндаг. Уый аххосæй бахгæнынц чысыл дуканитæ, егъау базартæ та хъыгагæн нæй. Кучиты Зауыр куыд загъта, афтæмæй ритейлерты архайдæн æруыромæн нæй æмæ уый тыххæй фарста хъæуы алыг кæнын экономикон мадзæлттæй. Министр зæрдæ бавæрдта, бынæттон базарадон хызты минæвæрттимæ кæй аныхас кæндзæнис, уымæй. Уыцы хъуыддаджы хъæудзæнис районы æххуыс дæр. Афтæмæй фæлхасгæнджытæ æлхæндзысты хæрзхъæд бынæттон продукци, фермертæ та исдзысты пайда. Уымæй уæлдай дзырдтой Мæздæджы район фыццаградон экономикон зонæты хыгъдмæ бахæссыныл дæр. Уый фæрцы бынæттон амалхъомады минæвæрттæ пайда кæндзысты хъалонты льготæтæй.
Кучиты Зауыр куыд бафиппайдта, афтæмæй Мæздæджы районы разамындæн йæ бон у радих кæнын сæрмагонд бынат хъæууонхæдзарадон базарæн. Уым алы фермеры бон дæр уыдзæнис йæ продукци фæлхасгæнджытæм комкоммæ фæхæццæ кæнын.




