филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:41 суббота, 31 января 2026
03 января 2025, 15:38
Республикæйы æрмдæснытæ фылдæрæй-фылдæр се ргом здахынц куклатæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ

Сæ зонындзинæдтæ не вгъау кæнынц рæзгæ фæлтæрæн дæр

Республикæйы æрмдæснытæ фылдæрæй-фылдæр се ргом здахынц куклатæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ. Сæ зонындзинæдтæ не вгъау кæнынц рæзгæ фæлтæрæн дæр. Сæ куыстыты, æнæмæнг, бæрæг дары ирон тематикæ. Ахæм хуызы æрмдæснытæ се вæрæн хæссынц ирон культурæ парахат кæныны хъуыддагмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Дзиццойты Каринæйы куклатæ кæныны сфæлдыстадон студи зындгонд у æрмæст Камбилеевскæйы нæ. Æрмдæсныйы тыххæй базыдтой æппæт республикæйы дæр. Йæ алы куысты дæр бæрæг дарынц ирон этникон мотивтæ. Æвдыст дзы цæуынц Нарты кадджыты, Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты хъайтартæ, ирон æрмдæснытæ æмæ хъуымацмæ хаст æрвылбоны цардыуаг. Иу ахæм кукла сцæттæ кæныныл ацæуы 1 къуырийæ 2 мæйы онг. Куыд зын кæнæн у, уымæ гæсгæ.

Куклатæ цæттæ кæнын зын нæу, зæгъы Каринæ. Ахсджиаг у хи хъуыдыты фæдыл цæуын. Ирон адæмы культурæ æмæ традицитæ æрмдæсныйы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсынц. Райгуырæн зæхмæ уарзондзинадыл Каринæ ахуыр кæны йæ хъомылгæнинæгты дæр. Чызджытæ алцыдæр кæнынц сæхæдæг: хъуымæцтæ æвзарынæй цæттæ куклайы онг.

Нымæт, æндæхтæ, фæрдгуытæ. Æрмдæсныйы къухы бын æппæтæй хъæугæдæр æрмæджытæ. Сæйрагдæр та ис уæлкурдиат. Хъесаты Маргаритæ цæттæ кæны авторон куклатæ национ колоритимæ. Хуыйын райдыдта декреты рæстæг. Сабыргай йæ хоббийæ равзæрд бизнес. Фæлæ ууыл Маргаритæ не рлæууыд. Кæны ма ауындзгæ хъазæнтæ сывæллæтты сынтæджытæн æмæ ног азы фæлындæнтæ.

Заказтæ Маргаритæмæ цæуынц алы бæстæтæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йе сфæлдыстады вдисы йæ миддуне, адæммæ, йæ райгуырæн зæхмæ æмæ уидæгтæм уарзондзинад.

Алы æрмдæсны дæр куклатæ хуымæтæджы нæ кæны. Афтæмæй стыр æвæрæн хæссынц ирон культурæ парахат кæныны хъуыддагмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania