Уый фæдыл Национ музейы бæстыхайы арæзт æрцыд кадджын мадзал
Республикæйы æрвылбоны газет «Северная Осетия»-йы равзæрдыл сæххæст 105 азы. Уый фæдыл Национ музейы бæстыхайы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Редакцийы кусджытæн раарфæ кодтой Хицауады сæрдар Дзанайты Барис, Парламенты спикер Тускъаты Таймураз, мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Фидараты Юрий. Сергей Меняйлойы номæй газеты къордæн арфæйы ныхæстæ загъта премьер.
Республикæйы сæргълæууæджы указмæ гæсгæ журналистикæйы райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй 14 кусæджы хорзæхджынгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй æмæ арфæйы фыстæджытæй. Газеты уацхæссæг Суанты Сергейæн лæвæрд æрцыд «Ирыстоны Намысы майдан». Кусджыты бæрзонд профессионализмы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты æмæ республикæйы журналистты цæдисы разамонджытæ.




