Уæрæхгонд æмбырды архайдтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ премьер Дзанайты Барис
Республикæйы ахадгæйæ чи рæзы, уыцы къабазтæй иу у туризм. Загъта Уæрæсейы Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новак, Мæскуыйы уæрæхгонд æмбырды. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ премьер Дзанайты Барис. Александр Новакы ныхæстæм гæсгæ, ног туристон кластертæ æмæ æмбæлгæ инфраструктурæ республикæмæ раздахдзысты фылдæр уазджыты ргом бæстæйы алы регионтæй. Уый та ратдзæн, адæмы куысты бынæттæй æххæст кæныны фадат, бюджетмæ фылдæр хъалонтæ цæудзæн æмæ, æмтгæй райсгæйæ, Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон къабаз рæздзæн. Сергей Меняйло фехъусын кодта, ныртæккæ фидæны курорты инфраструктурæ ахадгæйæ кæй рæзы. Афтæ, «Мамысон»-мæ фæндагыл реконструкцигонд æрцыд æмæ пайда кæнынц транспортон тоннелæй, куыстытæ ма æххæстгонд цæуынц 2 фæндагыл. Лыггонд цæуынц, исбонадимæ, стæй курорты территорийыл цы доны æмæ культурон намысы объекттæ ис, уыдонимæ баст фарстатæ. Пъланмæ гæсгæ комплексы арæзтад æххæстгонд цæудзæн 4 къæпхæнæй. Проекты фыццаг къæпхæн эксплуатацийы фæнд кæнынц 2024-æм азы раттын.




