филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:30 среда, 03 июля 2024
01 июля 2024, 12:39
Республикæйы ахсджиаг юбилейтæм адæмон сфæлдыстады хæдзар сфæнд кодта цымыдисаг лæвар бацæттæ кæнын

Районты цæрджытæй курдиатджындæр сылгоймæгтæ æндахæй нывæндынц Цæгат Ирыстоны картæ

Республикæйы ахсджиаг юбилейтæм адæмон сфæлдыстады хæдзар сфæнд кодта цымыдисаг лæвар бацæттæ кæнын. Районты цæрджытæй курдиатджындæр сылгоймæгтæ æндахæй нывæндынц Цæгат Ирыстоны картæ. Уыдонæй алкæцыдæр кусы хицæн районыл æмæ йæхи техникæйæ. Иутæ сæ быйгæ кæнынц, иннæтæ тæ – нывæфтыдтæ кæнынц. Картæйыл куыст куыд цæуы, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Чехойтæ Фатимæ.

Рагон семинари, Георгий Уæлахизхæссæджы номыл аргъуан Æрыдоны æмæ Сыгъдæг Михаилы номыл аргъуан Хъæдгæроны – ацы объекттæ зонгæ сты адæмæн. Агънаты Мæдинæ йæхи къухтæй, æмхæццæ техникæйæ пайда кæнгæйæ, аразы Æрыдоны районы картæ. Формæйæ дарддæр ма мастер равзæрста архитектурæйы æмæ æрдзы зындгонд цыртдзæвæнтæ. Зæгъæм, гыркъотæ – куыд Æрыдоны 250 азы кæуыл цæуы, уыцы тулдз бæласы символ.

Уæвгæ, Агънаты Мæдинæ у физкультурæйы ахуыргæнæг, фæлæ фæстаг азты йе *ргом аздæхта сфæлдыстадмæ. Чызг зоны быйын, хуыйын, кусы сæракимæ, хъæдæрмæг æмæ писийымæ – алывæрсыг у йæ курдиат. Проекты архайын дæр ын уый тыххæй у цымыдисаг. Йæхи къухтæй Цæгат Ирыстоны картæ районты лекалæтæй хуыд скæныны фæнд æм фæзынд республикæйы адæмон хæдзары. Къухæй дæсны чызджытæн фадат ис  сæ курдиат ирдæй равдисынæн.

Битарты Верæ нывæфтыдæй сарæзта Дзæуджыхъæуы картæ. Йæ лекало уыд зын, фæлæ Верæ зæрдиагæй бакуыста. Суанг ма бацæттæ кодта картæйы ныв 2 хуызы, цæмæй дзы хуыздæр равзарæн уа, уый тыххæй.

Проекты архайджытæй алкæмæн дæр ис йæхи æрмдзæф. Иу дзы нывæфтыдтæ кæны, иннæ – быйгæ кæны, чидæр та – æмхæццæ техникæ равзæрста. Алчидæр сæ йæ куысты бавæры йæ уды хъарм. Дауыраты Зæлинæ  фæстæдæр  цæттæ хæйттæ баиу кæндзæн хæрдгæхуыдæй æмæ дзы рауæйдзæн иумæйаг картæ.

Тахъазты Заремæ бирæ азты кæны нывæфтыдтæ.  Иунæгæй схъомыл кодта цыппар сывæллоны. Сфæлдыстад ын сси ирхæвсæн мадзал. Æндахæй снывæзта сæдæ куыстæй фылдæр. Ныртæккæ Заремæйы къухты бын æвзæрынц хæхты фæхстæ, зæппазтæ, фæндыр – кусы Æрæфы районы хуызыл.

Зæрдиаг лæвар республикæйæн йæ ахсджиаг юбилейтæм. Тагъд рæстæг адæм фендзысты курдиатджын адæмы къухтæй конд Цæгат Ирыстоны картæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania