10 марта 2023, 11:02
Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ фембæлд педагогон фæллойы ветерантимæ
Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ фембæлд педагогон фæллойы ветерантимæ. Æрныхас кодтой скъолайы прогрммæйыл, ахуырдзаутимæ ахастдзинæдтыл, базонгæ сты кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ. Уымæй уæлдай, се ргом аздæхтой фæсивæды патриотон хъомыладмæ, фæлтæрты бастдзинадмæ, æмæ, адæймаджы удыхъæдыл бакусыны фылдæр хай ахуыргæнæгмæ кæй хауы, уымæ. Æмбырды архайджытæ сæ хъуыдытæ загътой, ахуырады системæмæ цы ивддзинæдтæ хаст цæуы, уыдоны тыххæй дæр. Алыбекты Эллæ бузныг загъта фæллойы ветерантæн, сæ бирæ азты æнæзæрдæхудт куысты тыххæй æмæ сын радта арфæйы фыстæджытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ




