Ведомствæ йæхи цæттæ кæны социалон объекты арæзтадмæ, цалцæгмæ æмæ рацарæзтмæ
Республикæйы арæзтады уæвар сси радон æппаратон æмбырды сæйраг темæ. Ведомствæ йæхи цæттæ кæны социалон объекты арæзтадмæ, цалцæгмæ æмæ рацарæзтмæ. Се хсæн медицинæйы, ахуырады, коммуналон къабазтæ. Афтæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрад цæттæ кæны доны системæйы 8 объекты. Алагиры рацаразын хъæуы хъармдæттæн системæйы проект. Фарстайаг у, сметæмæ фæсарæйнаг кусæнгæрзтæ хаст кæй æрцыдысты, уый. Ногмæ хаст æрцæудзысты канд уæрæсейаг базарады кæй ис балхæнæн, уыцы æрмæджытæ. Ныридæгæн транспорты комитет кусын райдыдта фæндаггон инфраструктурæйы 33 объектыл. Цæуы документтæ цæттæгæнæн куыст Цæгат Ирыстоны дыууæ физкультурон комплексы арæзтадæн. Арæзт хъуамæ æрцæуой 10 мæймæ, фæлæ республикæйы спорты министрады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ иннæ мæй куы райдайой, уæд афæдзы кæронмæ фæуыдзысты. Сергей Меняйло министрадты сæргълæуджыты зæрдыл æрлæууын кодта, сæйрагдæр кæй у объекттæм рацæуын, цæмæй æппæт æмгъуыдтæ дæр æххсæтгонд æрцæуой, уый тыххæй. Республикæйы сæргълæууæг районты разамонджытæй æмæ министртæй ракуырдта, цæмæй сбæрæг кæной куыстыты цыды фæтк, æмæ сæ цæст дарой йæ алы къæпхæнмæ дæр.




