01 мая 2024, 18:11
Республикæйы Архивон службæйы ноггонд хыгъдæн уыд фыццаг коллеги
Ныхас дзы цыд ведомствойы бæрны службæты сæйрагдæр хæстыл æмæ фидæнмæ нысантыл
Республикæйы Архивон службæйы ноггонд хыгъдæн уыд фыццаг коллеги. Ныхас дзы цыд ведомствойы бæрны службæты сæйрагдæр хæстыл æмæ фидæнмæ нысантыл. Æмбырды схорзæхджын кодтой дыууæ конкурсы уæлахиздзауты æмæ призерты. Конкурс «Ирыстон – Хъæбатырты Райгуырæн бæстæ» арæзт æрцыд фыццаг хатт. Баст уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтартимæ æмæ архайджытимæ. Конкурсы архайдтой Цæгат Ирыстоны æппæт муниципалон районтæ. Фыццаг бынат бацахста Кировы районы администраци. Кад ма кодтой 11-æм Æппæтуæрæсеон конкурс «Æвзонг архивист»-ы уæлахиздзаутæн. Æдæппæтæй конкурсы архайынмæ балæвæрдтой 17 куысты 6 номинацийы.




