филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:39 пятница, 25 июля 2025
12 июля 2025, 10:28
Республикæйы ацæргæ адæмы æмæ инвалидты хæдзар-интернат «Узæлды» сæбæрг кодтой Хетæджы бон

Кадджын уавæры хæдзар-интернаты кусджытæн лæвæрд æрцыдысты арфæйы фыстæджытæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй, стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министр Абайты Юрийы номæй

Республикæйы ацæргæ адæмы æмæ инвалидты хæдзар-интернат «Узæлды» сæбæрг кодтой Хетæджы бон. Арæзт дзы æрцыд æцæг бæрæгбон, ирон æгъдæуттимæ. Бæркадджын фынгтæй дарддæр ма адæмы зæрдæтæ барухс кодтой республикæйы зындгонд артисттæ Хадыхъаты Аллæ, Джимиты Артур. Уæдæ сфæлдыстадон номыртæ бацæттæ кодтой хæдзар-интернаты цæрджытæ сæхæдæг дæр. Кадджын уавæры хæдзар-интернаты кусджытæн лæвæрд æрцыдысты арфæйы фыстæджытæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй, стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министр Абайты Юрийы номæй. Афтæ ирдæй ам фæбæрæг кæнынц алы бæрæгбон дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania