26 сентября 2025, 10:35
Республикæйы ацыд РЦИ-А Сæргълæууæджы Кубокы 3-аг къæпхæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты хсæн
Ерысты архайдтой се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм 30 æфсæддонæй фылдæр
Республикæйы ацыд РЦИ-А Сæргълæууæджы Кубокы 3-аг къæпхæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты хсæн. Ерысты архайдтой се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм 30 æфсæддонæй фылдæр. Алчидæр сæ йæхи фæлвæрдта дыууæ дисциплинæйы. Программæйы: мысан æхсын, пауэрлифтинг, стъолыл теннис, армрестлинг, нардтæ, шахмæттæ, шашкæтæ, кæрдтæ æмæ фатæй æхсын. Финалон къæпхæн ацæудзæн Цæгат Ирыстоны. Мадзал арæзт æрцыди паддзахадон программæ «Спорт России» æххæстгæнгæйæ. Йæ саразджытæ – физкультурæ æмæ спорты министрад æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиал.
темæмæ гæсгæ




