Ацы хъуыддаг сырæзт хъæууон кооперацийы райрæзты конкурсы грант рамбулыны фæрцы
Республикæйы байгом цыхты куыст кæм кæнынц, ахæм ног куыстуат. Ацы хъуыддаг сырæзт хъæууон кооперацийы райрæзты конкурсы грант рамбулыны фæрцы. Цалдæр милуан сомы тынг баххуыс сты куыстуатæн бындур сæвæрынæн. Цæмæй дзы хæрзхъæд продукци уадзой, уый тыххæй цех æххæст у æппæт хъæугæ нырыккон кусæнгæрзтæй. Æхсыр æлхæнынц æрмæстдæр бынæттон фермертæм. Паддзахады æххуысæй хи хъуыддаг куыд саразæн ис, уый тыххæй радзурдзыстæм нæ дарддæры æрмæджы.
Ирон бæгæны æмæ традицион чъиритæ. Сæйрагдæр продукт дзы у цыхт. Кæнгæ та йæ скодтой ацы куыстуаты. Ног цыхты куыстгæнæг цехы. Рауагъдад райдайы æхсырæй. Æлхæнынц æй бынæттон фермертæм. Бæстонæй йæ сбæрæг кæнынц, æмæ йæ уый фæстæ арвитынц дарддæр æй кæм бакусынц, уыцы ранмæ. Ацы агъуысты та разыны цæттæ продукт.
Æмæ æрмæст уый нæ. Цæмæй цыхт рухс фена, уый тыххæй ма дзы ис бирæ къæпхæнтæ. Сæйрагдæр дзы у продуктæн хъæрзхъæд бындур сæвæрын. Хомаг уал сызмæнтынц æмæ йæ сæвæрынц хус кæнынмæ. Уый фæстæ йæ ныккæнынц сæрмагонд къоппыты æмæ йæ арвитынц рæстæмбисæй 4 градусы хъарм кæм у, ахæмахæм сæрмагонд агъуыстмæ. Ам ныууазал вæййы. Æртæ суткæйы фæстæ цыхт вæййы цæттæ. Æхсыр дæр, стæй цæттæ цыхт дæр бæлвырд кæнынц цехы цы лаборатори ис, уым. Хæрзхъæддзинад æмæ санитарон домæнтæ æххæст кæнынц нырыккон кусæнгæрзтæй пайда кæнгæйæ. Уыдон та дзы сты æппæт агъуыстыты дæр. Уæвгæ, цыхты куыст кæнын райдайыны размæ адæймаг хъуамæ зона, хорз цыхт скæнынæн рагагъоммæ æппæт хъæугæ уавæртæ саразын кæй хъæуы. Æмæ уый сæ къухы бафтыд.
Куыстуатæн баххуыс кодта паддзахад. Бæлвырддæр та сын радтой цалдæр милуан сомы. Хъæууон хъæдзарадæй æххуыс райсын адæймагмæ куыд зын кæсы, афтæ нæу. Фыццаджы дæр уал дзы хъæуы æнæмæнг документтæ сæмбырд кæнын æмæ сæ ведомствæмæ бахæссын.
Раздæр хъæуы цæрджытæ цыхт æлхæдтой æнæзонгæ рæтты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йын рагагъоммæ йæ хæрзхъæддзинад зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. Ныр та ирон цыхт кæныны цех ис сæ цуры.
Ныртæккæ уал цехы кæнынц æрмæстдæр традицион цыхт. Фидæны нысан кæнынц продукцийы хуызтæ рапарахат кæнын. Уыимæ та дзы фæзындзæн фылдæр куысты бынæттæ дæр.




