филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:31 понедельник, 06 мая 2024
11 июля 2019, 17:05
Республикæйы бакусдзысты сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерьты паддзахадон æххуысы программæйыл

Уый тыххæй фехъусын кодтой Парламенты Советы æмбырды. Документ бавдисдзысты августы.

Республикæйы бакусдзысты сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерьты паддзахадон æххуысы программæйыл.
Уый тыххæй фехъусын кодтой Парламенты Советы æмбырды. Документ бавдисдзысты августы. Хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег куыд загъта, афтæмæй субсидиты æмæ сывæллæтты фæлладуадзæн объекттæн æндæр æххуысы хæрдзтæ хъуамæ хаст æрцæуой иннæ азы бюджетмæ. Фадзайты Æхсарбег ма фехъусын кодта, Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн паддзахадон æххуысы Федерацийы Советы уагæвæрд царды рауадзыны мадзæлтты тыххæй пълан. Федералон бюджетæй лыгъд адæмы цæрæнуæттæй ифтонг кæнынæн ацы аз дихгонд æрцыди дыууæ миллиардмæ хæстæг. Национ музейы рацарæзт кæронмæ ахæццæ кæнынæн ратдзысты 500 милуан сомы. Пъланмæ гæсгæ фæнд кæнынц æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ культурæйы объектты арæзтад æмæ цалцæг дæр дарддæр ахæццæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania