Уый тыххæй хицауады æмбырды радзырдта финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Бутаты Хъасполат
Республикæйы бюджет 9 мæймæ æххæстгонд æрцыд уæлдайджынтæй. Уый тыххæй хицауады æмбырды радзырдта финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Бутаты Хъасполат. Æфтиæгтæ сты 21 миллиардæй фылдæр, проценттæм гæсгæ – 65 æмæ 5 æнæхъæн хайы. Хæрдзтæ та сты 20 миллиардæй фылдæр, ома 62%. Афтæмæй фæстауæрцгонд æрцыд 498 милуаны. Бутаты Хъасполаты ныхæстæм гæсгæ республикон бюджет арæзт у социалон фарстатæ æххæст кæнынмæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон хæс мæйы райдианмæ уыд 8 миллиард сомы, уыдонæй 99% сты федералон бюджетæй ист кредиттæ. Æмбырды рæстæг Тускъаты Таймураз фæсидт, цæмæй афæдзы кæронмæ æппæт хæстæ сæххæст кæной. Фæбæрæг кодта, хицæн районтæ фæстейы кæй баззадысты куыд хъалонты, афтæ æндæр æфтиагтæй дæр. Ныхас ма цыд фæллойы базарадыл. Комитеты сæрдар Платы Альбинæ куыд радзырдта, афтæмæй сæм нæй фаг куысты бынæттæ. Иу бынатмæ лæууы 5 адæймаджы.