филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:21 суббота, 28 сентября 2024
11 ноября 2021, 13:24
Республикæйы дарддæр æххæстгонд цæуы горæты æнцонвадат царды проект

Ацы аз фæнд кæнынц 88 кæртмæ базилы

Республикæйы дарддæр æххæстгонд цæуы горæты æнцонвадат царды проект. Ацы аз фæнд кæнынц 88 кæртмæ базилын. Куыстыты цыдмæ сæ цæст дарынц Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ. Фæстаг рейдтæ эксперттæм сæвзæрын кодтой бирæ фарстатæ. Цавæртæ, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Асфальтмæ фиппаинæгтæ нæй. Фæлæ, Владикавказскийы уынджы 17-æм хæдзары кæрты зæрдæ цы бандæттæй бавæрдтой, уыдон дзы афтæ дæр нæ фæзындысты. Кæд æмæ горæты æнцонвадат цардæн уавæртæ аразыны куыст апрелы фæци, уæддæр. Хæдзары цур нæй рухсытæ дæр. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты эксперттæ æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады минæвæрттæ бынатмæ рацыдысты цæрджыты хъæстытæм гæсгæ.

Цоколаты Геннадийы уынджы 22-æм хæдзары цæрджытæ разы сты, сæ кæрты сын асфальт æмæ бордюртæ куыд сæвæрдтой, уымæй. Фæлæ сæм хъыгагæн æндæр раппæлинагæй ницы ис. Куыстытæ дзы подрядон организаци кæронмæ фæци мартъийы. Фæлæ дзы баззад фарстатæ.

Кæртытæ аив кæныны программæ æххæстгæнгæйæ дзы ис 5 æнæмæнг хъуыддаджы. Уый, фæндаджы уæлцъар аивын, ног бордюртæ, бандæттæ, бырондæттæ æмæ бацæуæнты цур рухсытæ сæвæрын. Кæцыфæнды пункт дæр дзы æххæстгонд куы нæ рцæуа, уæд уый у закъонхæлдыл нымад. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ бæрæг кæнынц рæдыдтытæ.

Фыццаджыдæр, домæн æрвыст æрцæудзæн горæты администрацимæ. Уымæн æмæ горæты æнцонвадаты проект æххæст кæны администраци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania