филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
25 мая 2020, 16:14
Республикæйы дарддæр æххæстгонд цæуы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Горæты æнцонвадат архайд»

Проекты архайджытæ зилынц куыд кæртытæм, афтæ æхсæнадон зонæтæм дæр

Республикæйы дарддæр æххæстгонд цæуы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Горæты æнцонвадат архайд». Проекты архайджытæ зилынц куыд кæртытæм, афтæ æхсæнадон зонæтæм дæр. Ацы аз проектыл бакусынæн дихгонд æрцыди 2 сæдæ милуан сомæй фылдæр федералон бюджетæй, 11 милуаны  регионалон бюджетæй, 15 милуаны та уыдысты муниципалон фæрæзтæ.

Ацы аз кæмæ базилдзысты, уыцы кæртыты нымæц у 127, æхсæнадон зонæтæ та 38. Уыдонæй Дзæуджыхъæуы – 110 кæрты æмæ 16 æхсæнадон территорийы, се хсæн Центрон парк æмæ Сабырдзинады проспект дæр. Уымæй уæлдай, проекты фæрцы саив кæндзысты, Московскийы уынджы цы сквер ис, уый. Куыстыты иу хай фæуыдзæни июны астæумæ.

Проект «Горæты æнцонвадат архайд» æххæстгонд цæуы 4-æм аз. Уыцы рæстæгмæ аивгонд æрцыдысты республикæйы сæдæгай кæртытæ æмæ территоритæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania