филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:26 среда, 17 декабря 2025
27 марта 2025, 10:58
Республикæйы дондзæуæн куыстуаты специалисттæ Горæтгæрон районы ивынц хæтæлтæ

Куыстытæ цæуынц, уыцы иу рæстæг цалдæр хъæуы донæй цы магистралон донвæд æфсады, ууыл

Республикæйы дондзæуæн куыстуаты специалисттæ Горæтгæрон районы ивынц хæтæлтæ. Куыстытæ цæуынц, уыцы иу рæстæг цалдæр хъæуы донæй цы магистралон донвæд æфсады, ууыл. Егъау рацарæзты тыххæй куыстуат дон лæвæртта сæрмагонд фæткмæ гæсгæ, фæлæ-иу цæрджытæ сæхæдæг байгом кодтой æхгæнæнтæ. Уый та къуылымпы кæны æппæт системæйы куыст дæр.  Специалисттæ курынц адæмæй 2 къуырийы бафæразын. Уыцы рæстæгмæ фæуыдзысты æппæт куыстытæ.

Ацы хæтæлтæй пайда кæныны рæстæг раджы аивгъуыдта. Сæвæрдтой сæ Хъæцмæзты Альбертæн йæ сывæллоны бонты. Нæлгоймаг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ бирæ азты кърантæй дон чысылгай цыди, хатгай та-иу æппындæр нал калд. Сунжæйы цæрджытæ районы администрацимæ æмæ коммуналон  куыстуæттæм сæ курдиат иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой.

Горæтгæрон районы доны магистралон хæтæл рагæй уыд ивинаг. Афтæмæй уый донæй æфсады æрмæст Сунжæ нæ, фæлæ Комгæрон, Тарскæ, Куырттат æмæ Черменыхъæу. Дондзæуæн рацаразыны куыстытæ æххæст кæнын бантыст, район республикæйы донуадзæн куыстуаты бæрны кæй бацыд, уый фæрцы.

Цæмæй рацарæзты рæстæг адæм ма стыхсой, уымæ гæсгæ сын дон лæвæрттой фæткмæ гæсгæ. Фæлæ цæрджытæ цавæрфæнды афон дæр сæхæдæг байгом кæнынц æхгæнæнтæ. Уый та къуылымпы кæны æппæт системæйы куыст дæр. Сунжæйы цæрджытимæ аныхас кæныны тыххæй донуадзæн куыстуаты разамынд хъæуы культурæйы хæдзары сарæзта æмбырд.

Йæ разамонæг Хъараты Тимур адæмæн бæстонæй радзырдта дондзæуæны рацарæзты тыххæй, бамбарын сын кодта, хæтæлтæм æрмæстдæр специалисттæн æвналыны бар кæй ис, уый.

Горæтгæрон районы хъæутæ донæй чи *фсады, уыцы хæтæл у 3 километры дæргъæн. Специалисттæ ныридæгæн сæххæст кодтой куыстыты 50 проценты. Дондзæуæны рацарæзт фæуынвæнд кæнынц 2 къуыримæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania