филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:22 четверг, 11 декабря 2025
11 декабря 2025, 11:10
Республикæйы фæдзæхст бынæтты зонæтæм хæстæг хъæуты фæтыхджындæр кодтой патрульты куыст

Браконьерты архайдæй хæлы экологон баланс.

Æрхæццæ кæны се *ппæтæн уарзон бæрæгбон – Ног аз. Ацы афон сарæх вæййынц, заз бæлæстæ æнæ закъонæй чи фæкалы, уыдон. Браконьерты архайдæй хæлы экологон баланс. Республикæйы фæдзæхст бынæтты зонæтæм хæстæг хъæуты фæтыхджындæр кодтой патрульты куыст. Ахæм хъахъхъæнæн мадзæлттæн æнæмæнг ис стыр ахадындзинад. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Браконьерты архайд халы экологон системæйы баланс. Хъæд бахъахъхъæныны нысанимæ инспектортæ бæрæгбоны агъоммæ рæстæг фæтыхджындæр кодтой сæ куысты фæтк. Æрвылбон, куыстуат «Фæдзæхст Ирыстон-Алани»-йы бæрны цы территори ис, уый специалисттæ бæлвырд кæнынц. Фæзуат чысыл нæу. Хауынц æм Цæгат Ирыстоны æрдзон æмæ Цъæйы фæдзæхст бынæттæ, национ парк «Алани».  Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй закъонхалджытæ карз æфхæрд баййафдзысты. Бæлæстæ калыны тыххæй æмбæлы æрмæст 4 мин сомы онг ивар нæ, фæлæ ма уголовон хъуыддаг дæр. Куыстуат «Фæдзæхст Ирыстон-Алани»-йы директоры хæдивæг Джызойты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз снысан кодтой 60 закъонхæлды онг.

Фæдзæхст бынæттæм хæстæг хъæуты цæрджытæ ахæм мадзæлттæ куыд ахсджиаг сты, уый æмбарынц. Сæ ныхæстæм гæсгæ, сæхæдæг бæлæстæм не вналынц, аргъ кæнын сын зонынц. Бæрæгбоны та равзарынц аразгæ заз бæлæстæ, кæнæ та сæ балхæнынц сæрмагонд бынæтты.

Ахæм мадзæлттæ фæкæнынц æрвылаз, æмæ æнæмæнг хæссынц пайда. Ууыл дзурæг сты статистикæйы бæрггæнæнтæ. Фæдзæхст бынаты кусджыты ныхæстæм гæсгæ, закъонхæлдтытæ къаддæр кæнынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania