филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:15 воскресенье, 01 февраля 2026
31 мая 2022, 11:12
Республикæйы фæндаггон инфраструктурæ аив кæныныл дзырдтой аппаратон æмбырды

Ныхас цыд бындурон цалцæгыл, стæй хицæн куыстытыл

Республикæйы фæндаггон инфраструктурæ аив кæныныл дзырдтой аппаратон æмбырды. Ныхас цыд бындурон цалцæгыл, стæй хицæн куыстытыл. Æппæтæй фылдæр фарстатæ Дзанайты Барисмæ уыд горæты администрацимæ. Милдзыхты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, боны ахаст æвзæр кæй уыдис, уымæ гæсгæ куыстытæ афæстиат сты. Ныртæккæ æххæстгонд цæуынц. Дзæуджыхъæуы фæнд кæнынц сцалцæг кæнын 43 уынджы – 23 федералон, 20 та – республикон программæмæ гæсгæ. Хицауады сæрдар бабар кодта куыстытæ фæтагъддæр кæнын æмæ сæ афоныл фæуын.

Дзанайты Барис ма сбæлвырд кодта, Аланийыл саргъуыды 1100 азы бæрæг кæнынмæ гæсгæ цы объекттæ аив кæнынц, уым куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Моргуаты Констатин куыд загъта, афтæмæй нырма сæ бон нæу архайын Зручъы аргъуаны. Ис бæрзонд ран – хæхты, фæндаг æм нæй. Хъæуы йæ саразын. Фæстиат кæнынц куыстытæ иннæ объектты дæр – ирон литературæйы музейы æмæ Зæрæмæджы аргъуаны. Премьер бабар кодта, æппæт фарстатæ алыг кæнын хæстæгдæр рæстæг. Хицауады сæрдары ныхæстæм гæсгæ, республикæйы сæргълæууæгмæ æрбацæуы бирæ фарстатæ цæрджытæй, сæ фылдæр баст вæййынц бынæттон администрациты архайдимæ. Куыд загъта, афтæмæй хицауадон оргæнты архайд адæмимæ хъæуы фæахадгæдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania