филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:51 суббота, 18 мая 2024
08 октября 2019, 12:00
Республикæйы фæвæййы фæндæгты арæзтадон сезон

Егъау куыстытæ цæуынц Дзæуджыхъæуы уынгты дæр.

Республикæйы фæвæййы фæндæгты арæзтадон сезон. Егъау куыстытæ цæуынц Дзæуджыхъæуы уынгты дæр.

Горæты администрацийы фæндæгты арæзтады æмæ транспорты управленийы куыд радзырдтой, афтæмæй сæ сцалцæг кæнын хъуыд 28 фæндаджы. Уыдонæй уал фесты 23, уый у 30 км. Сæ фæзуаты ис 40 объекты. Уыдонæн республикон æмæ федералон бюджетæй радих кодтой фæрæзтæ. Кукыстытæн сæ иу хай конд цæуы программæ «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ. Дзæуджыхъæу дæр хауы, проект царды кæм рацыд, уыцы горæтты хыгъдмæ. Администрацийы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй сæйраг домæн у фæндæгты хæрзхъæддзинад. Фæндаг домæнтæн дзуапп куы нæ дæтта, уæд æй подрядон организацийæ исгæ дæр нæ ракæндзысты. Ног цалцæггонд фæндагæн хъуамæ лæггад кæна 7 азы дæргъы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania