Традицимæ гæсгæ, сылгоймæгты бæрæгбоны лæвæртты хсæн сæйраг бынат ахсынц дидинджытæ
Республикæйы флористтæ цæттæ кæнынц 8-æм мартъимæ. Традицимæ гæсгæ, сылгоймæгты бæрæгбоны лæвæртты хсæн сæйраг бынат ахсынц дидинджытæ. Милуангай уардийы æмæ тюльпаны. Дидинджыты хъармуæтты алцыдæр цæттæ у бæрæгбонмæ. Кæд сылгоймæгты зæрдæлхæнæнты нымæц стыр у, уæддæр æппæтæй ахадгæдæр сты уардитæ æмæ тюльпантæ. Урсытæ, сырхытæ, буртæ æмæ афтæ дарддæр – равзарæн ис алы хуыз дæр. Фæстаг рæстæг ма дидинджытæй уæлдай ахадгæ сты адджинæгты чыргъæд, кæнæ та дидинджытæй æмæ дыргътæй цы композицитæ саразынц, уыдон дæр. Фæлæ, цымыдисаг лæвар æвзаргæйæ, рох кæнын нæ хъæуы фæлмæн мидбылхудт, уарзондзинад æмæ хорз зæрдæйы ахаст. Афтæмæй хуымæтæг дидинæг дæр фаг уыдзæн – зæгъынц сылгоймæгтæ.
