филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 воскресенье, 01 февраля 2026
28 декабря 2023, 11:32
Республикæйы «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды кусынц сæрмагонд æфсæддон операцийы дыууæ ветераны

Сæхицæй йæ зонынц, ацы зын фæндæгтыл чи рацыди, ахæм адæймаджы цур балæууын кæй хъæуы, уый

Нæ бæстæйы бæллиццаг фидæнмæ æвæрæн хæссын. Республикæйы кусы «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонд. Йæ сæйрагдæр кусджытæй иутæ сты социалон координатортæ. Æххуыс кæнынц хæстон цауты ветерантæн, æмæ чи фæмарди, уыдоны бинонтæн. Цæгат Ирыстоны ацы къабазы специалистты хсæн ис дыууæ ветераны – Денис Галкин æмæ Магкæты Олег. Сæхицæй йæ зонынц, ацы зын фæндæгтыл чи рацыди, ахæм адæймаджы цур балæууын кæй хъæуы, уый. Сæ размæ сæвæрдтой хæс, фæкæсынхъуаг адæмæн æлывæрсыг æххуыс кæнын. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Рахизфарсы районы фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» социалон координатор Денис Галкин бабæрæг кодта Дудайты Вадимы идæдзы. Вадим фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы. Æнæ фыдæй баззадысты дыууæ сывæллоны. Ног азы агъоммæ сын социалон координатор бæрæгбоны мадзæлттæм балæвар кодта билеттæ. Денис Галкин йæхæдæг дæр у хæстон цауты архайæг. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ мысанæхсæн взводы хайады командæгæнæг æххæст кодта сæрмагонд хæслæвæрдтæ. Фæлæ уæззау цæф фæци рæмудзæн æрмæджы схъистæй. Хæдзармæ ссæуыны фæстæ Денис æнцад нæ бадти, архайдта алывæрсыг пайда уæвыныл, стæй та сфæнд кодта иннæ ветерантæн æххуыс кæнын. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æппæт зындзинæдты сæрты ахизгæйæ, цардмæ райдыдта æндæр цæстæй кæсын.

Ацы хъуыддæгтæй йæхи иуварс чи нæ акодта, уыдонæй иу у Магкæты Олег дæр. Фарон бархионты рæнхъыты ацыди сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ, æмæ æрлæууыди батальон «Осетия Шторм»-ы рæнхъыты. Уый дæр райста уæззау цæф, æмæ стæй сфæнд кодта фронты фæсчъылдым Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын, афтæмæй сси Алагиры районы фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» социалон коордитнатор.

Фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» социалон коордитнаторы куыст у уæрæх æмæ ахадгæ. Юридикон, социалон, медицинон æмæ психологон æххуыс. Фыдыбæстæ чи хъахъхъæны, уыдонæн æххуыс кæнын, уый у фонды фыццаградон хæс.

Фондыл кæд афæдз дæр нæма цæуы, уæддæр, ын уыцы æмгъуыдмæ гыццыл нæ бантыст. Баххуыс кодтой 1500 адæймагæн. Æмæ ветерантæ се вæрæн хæссынц ацы хъæугæ хъуыддагмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania