филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:28 воскресенье, 12 мая 2024
16 декабря 2022, 10:58
Республикæйы фылдæр кæны гриппæй æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæц

Дзæбæхгæнæндæтты дæр пациенттæ зынгæ фæфылдæр сты

Республикæйы фылдæр кæны гриппæй æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæц. Дзæбæхгæнæндæтты дæр пациенттæ зынгæ фæфылдæр сты. Уæдæ рæзы, хæдзармæ дохтырты æххуысмæ чи сиды, уыдоны нымæц дæр. Сывæллæтты рæвдауæндæтты карантин ахæсдзæн къуырисæрмæ – 19-æм декабрьмæ, уæдмæ дистанцион хуызы ахуыр кæндзысты скъоладзаутæ дæр. Уавæры тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Чысыл Цорæты Олег дохтырмæ æрбацыд йæ нанаимæ. Къуыри размæ йæм уыд бæрзонд тæвд, бахæцыд ыл æхснырсæг æмæ хуыфæг. Гатеты Иринæ радзырдта, дохтырмæ хæдзармæ фæсидтысты, снысан сын кодта дзæбæхгæнæн фæтк. Ныр специалист терапион мадзæлттæ баивта.

Скъолаты фылдæр хай раивтой дистанцион хуызы ахуырадмæ. Рæвдауæндæттæ сты карантины. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæтты фембæлдтытæ хъæуы æрчысыл кæнын.

Æркæсын хъуыртæм, хъустæм, байхъусын рæуджытæм æмæ зæрдæмæ. Дохтыр Тауытты Ларисæ пациенттæм лæмбынæг кæсы. Лæппутæм ис æхснырсæджы миниуджытæ. Дзæбæх кæныны фæтк снысан кæныны размæ æнæмæнг æрвиты анализтæ раттынмæ. Сæ хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты цалдæр сахатмæ.

Вирус æдзухдæр ивы, райсы ног хуыз. Æхснырсæджы традицион бæрæггæнæнтыл ма бафты гуыбыны рыст æмæ зæрдæхæццæ. Фæлæ сæйраг æууæл раздæрау у бæрзонд тæвд. Ахсджиаг у, сывæллоны уавæрмæ цæст дарын, куы сдзæбæх уа, уый фæстæ дæр.

Æрмæст чысыл сабитæ нæ рынчын кæнынц. Дохтырты æххуыс арæх агурынц æнахъом сывæллæттæ дæр. Хъалæгаты Зæлинæ йе нæниздзинадмæ бæрнонæй кæсы. Дохтыр ын кæй рафыста, уыцы амынддзинæдтæ сæххæст кодта. Стыр æргом здахы профилактикæмæ дæр.

Профилактикæйæн æвдадзы хос нæй. Дохтыртæ амонынц адæмон методтæй пайда кæнын: нæлхæ, хъæдындз, нуры. Æхснырсæг куы стынг вæййы, уыцы рæстæг фылдæр хæрын сырх кæсаджы фыд, дзидза, айчы бур, фиу. Æхсæнадон бынæттæй æрбацæугæйæ та хъæуы ныхсын къухтæ æмæ цæсгом, æнхъæвзын хъуыртæ æмæ рахсын фындз.

Ахсджиаг у, сывæллæтты ирхæфсæн центртæм, бирæ адæм кæм ис, ахæм бынæттæм ма кæнын. Æххæст кæнын профилактикæ. Ис ма фадат вакцинаци скæнынæн дæр. Уый фæрцы сывæллонæн æнцондæр уыдзæн низимæ тох кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania