филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:29 воскресенье, 01 февраля 2026
27 апреля 2023, 11:17
Республикæйы фысджыты Цæдисы ацыд цымыдисаг фембæлд «Осетия и Расул Гамзатов»

Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы ахуырдзаутæн радзырдтой поэты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй

Республикæйы фысджыты Цæдисы ацыд цымыдисаг фембæлд «Осетия и Расул Гамзатов». Цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн æмæ историон наукæты доктор, Расул Гамзатовы сфæлдыстад бындуронæй чи зоны, уый Цыбырты Лювиг Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы ахуырдзаутæн радзырдтой поэты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Ирыстоны ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Расул Гамзатовы 2 чиныджы. Тæлмац кæныныл куыстой ирыстойнаг поэттæ Хъайтыхъты Геор, Дзасохты Музафер, Хуыгаты Геор æмæ æндæртæ. Расул Гамзатов æвдзæвгæтæ фыста Ирыстоныл дæр, сæйрагдæр та – Хетæгкаты Къостайыл. Кодта йын æгæрон аргъ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania