11 октября 2022, 11:29
Республикæйы хæлардзинады хæдзары арæзт æрцыд, æфсымæрон горæттæ Дзæуджыхъæу æмæ Бердскы минæвæртты архайдимæ концерт
Ацы мадзал делегацийæн сси сæ балцы кæронбæттæн
Республикæйы хæлардзинады хæдзары арæзт æрцыд, æфсымæрон горæттæ Дзæуджыхъæу æмæ Бердскы минæвæртты архайдимæ концерт. Ацы мадзал делегацийæн сси сæ балцы кæронбæттæн. Республикæйы уазджыты базонгæ кодтой Цæгат Ирыстоны цæрæг адæмыхæттыты адæмон сфæлдыстадимæ, культурæимæ, æмæ традицитимæ. Ирыстон æмæ Новосибирскы облæст бæттынц бирæ хъуыддæгтæ. Фæлæ сæйрагдæр та – Петр Барбашов, Цæгат Ирыстоны хъæбатырæй фæмард 1942-æм азы. Мадзал саразджытæ куыд загътой, афтæмæй ахæм фембæлдтыты фæрцы хъахъхъæд цæуынц историон тæгтæ, æмæ дыууæ регионы хсæн æнгомдæр кæнынц бастдзинæдтæ.
темæмæ гæсгæ




