Уый уыд 18-æм æнусы хæсты разамонджытæй иу, Емельян Пугачевы æмтохгæнæг
Республикæйы хæлардзинады Хæдзары арæзт æрцыд Башкирийы национ хъайтар Салават Юлаевы мысæн бон. Уый уыд 18-æм æнусы хæсты разамонджытæй иу, Емельян Пугачевы æмтохгæнæг. Салават Юлаев разамынд лæвæрдта башкираг отрядтæн сыстады рæстæг. Йæ сурæт башкирæгтæн сси символ. Йæ ном хæссынц Башкортостаны горæттæ, районтæ æмæ уынгтæ. Æфсæддон хъуыддагæй дарддæр Салават Юлаев уарзта поэзи. Йæ уацмыстæй скъуыддзæгтæ азæлыдысты ацы изæр. Программæ сæ курдиатæй саив кодтой республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Салават Юлаевæн цыртдзæвæн скодта Цæгат Ирыстоны æмæ Башкирийы адæмон нывгæнæг, скульптор-монументалист Тауаситы Сослæнбег. Ивгъуыд æнусы 60-йæм азты кæрон æвæрд æрцыд Уфайы, цæугæдон Белаяйы былгæрон. Цыртдзæвæн сси Уфайы фидауц, стæй сæ республикæйы национ хæзна. Йæ сурæт ис Башкортостаны гербы.




