18 января 2023, 11:36
Республикæйы хæлардзинады хæдзары байгом Холокосты амæттæгты номарæн æрвылазон равдыст
Сарæзтой йæ дзуттæгты æхсæнад Шоломы уæнгтæ
Республикæйы хæлардзинады хæдзары байгом Холокосты амæттæгты номарæн æрвылазон равдыст. Сарæзтой йæ дзуттæгты æхсæнад Шоломы уæнгтæ. Уыдон радзырдтой сæ хæстæджыты цардвæндаджы тыххæй. Чи фæмад, уыдоны номарынæн та иу минут алæууыдысты æдзæмæй. Экспозицийы программæмæ гæсгæ бацæттæ кодтой хуызджын буклеттæ. Уым фыст ис концлагерты уацайрæты тыххæй. Холокосты амæттæгты къуыри Уæрæсейы аразынц 18-31 январмæ. Уыцы бон хуымæтæджы нæ равзæрстой. 27 январы 1945 азы Советон æфсад суæгъд кодта нацистты æппæты егъаудæр лагер Освенцим. Историкты хъуыдымæ гæсгæ, уым фæмард цыппар милуан адæймаджы онг.
темæмæ гæсгæ




