филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
16 февраля 2021, 12:53
Республикæйы хъæууон хæдзарады министрады 4 бинонтæм кадджын уавæры радтой цæрæнуæттæн сертификаттæ

Субсидиты иумæйаг бæрц сси 8 милуаны

Республикæйы хъæууон хæдзарады министрады 4 бинонтæм кадджын уавæры радтой цæрæнуæттæн сертификаттæ. Субсидиты иумæйаг бæрц сси 8 милуаны. Сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн фадат фæзынд, нысанмæ арæзт федералон программæ «Хъæуккаг территориты комплексон рæзт» æххæст кæнгæйæ. Йæ нысан у – хъæуты социалон царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, стæй сæм специалистты ргом здахын. Сертификатты хицæуттæ хъуамæ балхæной, кæнæ саразой цæрæнуат афæдзы мгъуыдмæ. Фыццаджыдæр субсидитæ фидынц, æппынæдзухдæр хъæуккаг территорийы чи кусы, æмæ йæ цæрыны уавæртæ хуыздæрхъуаг кæмæн сты, уыдонæн. Уымæй дарддæр фæрæзтæ æмбæлынц, горæты цæрын кæй нал фæнды, ахæм адæмæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania