филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:56 понедельник, 15 декабря 2025
20 августа 2024, 11:09
Республикæйы хæууон хæдзарады райрæзт, санкциты уаверты

Аграрон къабазы уавæр æмæ йæ рæзт. Республикæйы хъæууон хæдзарад рæзы, кæд æмæ хицæн продуктты импорт нал уадзынц, уæддæр. Фæстаг 10 азмæ зынгæ сырæзт алы культурæты тыллæджы бæрц. Хъæздыгдæр кæнынц фосдарынады æмæ зайæгойты къабæзтæ. Сæрмагонд программæ «Бинонты фермæты рæзт»-мæ гæсгæ хъæууон хæдзарады кусджытæн паддзахад кæны грантты æххуыс.

Майрæмададжы фосдарынады хæдзарадæн бындур æвæрд æрцыди 9 азы размæ. Директоры хæдивæг Плиты Тимуры куыд хъуыды кæны, афтæмæй 2015-æм азы кусын куы райдыдтой, уæд сæм уыди æрмæстдæр 50 стуры. Ныр та хæдзарады ис 1300 стуры æмæ фысы. Тимур куыд зæгъы, афтæмæй ахæм бирæ фосмæ зилын æнцон хъуыддаг нæу. Ахсджиаг у алы цæрæгоймæ дæр хицæнæй цæстдарын. Уымæн æмæ дзы иу куы фæрынчын уа, уæд вирус апарахат уыдзæни се ппæтыл дæр. Ам сын ис æппæт уавæртæ æмæ фадæттæ. Кæсынц æмæ сæм зилынц нырыккондæр домæнтæ хынцгæйæ. Сæ хойрагæй райдай æмæ сын æм цы хъацæнтæ хæссынц, уымæй фæуы.

Хæдзарад рапарахат кæнын къухы бафтыд хъæууон хæдзарады министрады грантты æххуысæй. 2022-æм азы хъæуты фермæты райрæзты программæйы фæлгæты райстой милуан. Уыцы фæрæзтæй балхæдтой мин сæдæ фæндзай фысы. Фидæны нысан кæнынц хæдзарад ноджыдæр фестырдæр кæнын.

Æрыдоны æхсыры завод йæ хæрзхъæд продукцийæ республикæйы цæрджыты ифтонг кæны ныр, 21 азы. Агропромышленнон холдингмæ ис йæхи фермæ, францусаг мыггаг стурты æхсыр у хæрзхъæд. Уый фæрцы сæ бон у æхсыры продукцийы хыгъд фылдæр кæнын дæр. Ам пайда кæнынц нырыккон кусæнгæрзтæй. Иу бонмæ бакусынц 12 тонны æхсыр. Уыимæ сæм ис ирон цыхт ахсыны хи сæрмагонд рецепт.

Агропромышленнон холдинг ма царды уадзы инвестицион проект «Земля Осетии». Фыццаг къæпхæн уал фæци кæронмæ. Ныридæгæн дзы сывæрдтой иу коттедж, базарадон павильон æмæ дегустацион зал. Уымæй уæлдай дзы фæзынд лавандæйæ быдыр, фæткъуыты дыргъдон æмæ уникалон зайæгой павловния. Дыккаг къæпхæны та хъуамæ бындур æвæрд æрцæуа, афæдзы дæргъы чи кусдзæн, ахæм хъæуккаг туризм. Проектмæ гæсгæ дзы уазджытæн арæзт уыдзæни 6 хæдзары, роботизацигонд фермæ, 325 сæрæн. Куыстытæ хъуамæ фæуой иннæ аз.

Санкциты уавæрты Цæгат Ирыстон йæхи равдыста куыстхъомæй æмæ аграрон сектор размæ акодта зынгæ къахдзæф. Зынгæ фæфылдæр сты алы культурты фæзуæттæ, уыимæ сæ тыллæг дæр. Фосдарынады къабаз дæр сырæзт 10 проценты, лыстæг фос нымæц фæфылдæр дыууæ хаттæй фылдæр. Уымæй уæлдай, регионы активонæй парахат кæны кæсагдарыны хъуыддаг дæр. 20 хатты фæфылдæр товарон кæсаджы рауагъдад.

Республикæйы ныртæккæ куыст цæуы зайæгойты къабазы æртæ егъау инвестицион проектыл. Фидарæй зæрдæ дарæн ис, республикæйы хъæууон хæдзарады рæзтыл иттæг хорз кæй фæзындзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania