филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:44 воскресенье, 01 февраля 2026
11 мая 2023, 11:21
Республикæйы хицауад  офицерты хæдзар балхæндзæн, кæй бæрны ис, уыдонæй

Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта паддзахадон исбоны æмæ зæххыты ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан

Республикæйы хицауад  офицерты хæдзар балхæндзæн, кæй бæрны ис, уыдонæй. Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта паддзахадон исбоны æмæ зæххыты ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан. Уымæй уæлдай, ныхас цыди республикæйы культурон бынты нысаниуæг кæмæн ис, уыдоны регистрацийыл. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ кусынц 1300 объектты регистраци кæм æрцæудзысты, ахæм программæйыл. Æмбырды уæвджытæ æрдзырдтой республикæйы исбонæй кусæнгæрзтæ Горæтгæрон районæн радтыныл. Сæрмагонд техникæйæ пайда кæндзысты 1-æм скъолайы бындурон цалцæджы. Ныхас цыди кадрты фарстайыл дæр. Национ политикæйы министры хæдивæгæй ногæй нысангонд æрцыди Къуымæллæгкаты Олег. Бæрнон кусджытæ се ргом аздæхтой республикæйы бюджетмæ. Афтæмæй, 2023-æм азы æфтиæгтæ уыдзысты 47 миллиард сомы, хæрдзтæ та 48. Æмбырды ахсджиаг фарстатæй иу уыди æнæниздзинадхъахъхъæнынады фыццаг къæпхæны рацарæзт. Премьер фæнысан кодта ацы программæйы ахадындзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania