Акци «Мах стæм Уæрæсейы граждæнты» фæлгæты паспорттæ дæттыны кадджын мадзал ацыд Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы дæр
Республикæйы хицауады хæдзары кадджын уавæры фæсивæдæн радтой сæ сæйраг документтæ. Уæрæсейы æвзонг граждæнтæн сæ паспорттæ радта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг. Мадзал баст уыди Уæрæсейы Конституцийы Бонимæ. Республикæйы алы районтæй, сæ ахуыры стыр æнтыстдзинæдтæ кæмæ ис, ахæм 24 скъоладзауы ныр систы бæстæйы æххæстбарджын граждæнтæ. Регионы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы бæллиццаг фидæн у ахæм зæрдæргъæвд фæсивæдæй аразгæ.
Акци «Мах стæм Уæрæсейы граждæнты» фæлгæты паспорттæ дæттыны кадджын мадзал ацыд Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы дæр. Йæ саразыныл бацархайдта «Фыццæгты змæлд». Фæсивæд сæ сæйраг æвдисæндартæ райстой Дзæуджыхъæуы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславы, йæ хæдивæг Ходы Мæдинæйы, горæты минæвæртты сконды сæрдар Таболты Сергейы æмæ Фыццæгты змæлды регионалон хайады сæрдар Саулохты Сæрмæты къухтæй.




