филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:55 вторник, 07 мая 2024
27 июня 2019, 12:25
Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбеджы разамындæй уыд наркотикты ныхмæ арæзт къамисы æмбырд

Ныхас дзы цыд студенты хсæн сæрмагонд мадзæлттæ аразыныл.

Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбеджы разамындæй уыд наркотикты ныхмæ арæзт къамисы æмбырд. Ныхас дзы цыд студенты хсæн сæрмагонд мадзæлттæ аразыныл.Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты ректор Юрий Дмитрак загъта, студентты кæй хъæуы социалон архайдмæ стæй æнæниз цардыуагмæ разæнгард кæнын. Æмбырды архайдтой наркотикты ныхмæ арæзт къамисы разамонæг Луиза Лебедева æмæ Наркологон диспансеры сæйраг дохтыр Гæззаты Алыксандр, министртæ æмæ ведомствæты разамонджытæ. Загъд куыд уыд, афтæмæй ныртæккæ ацы фыдракæнды ныхмæ хъæуы æмдыхæй тох кæнын. Уæлдæр ахуыргæннæндæтты аразын фылдæр спортивон æмæ сфæлдыстадон мадзæлттæ. Фæсивæды комитеты сæрдар Джиоты Русланы хъуыдымæ гæсгæ, стыр ахадындзинад ис бархионты клубтæн. Уыдон аразынц программæ, цы домæнтæ дзы ис, уыдонимæ та цæуынц æнæниздзинад фидаргæнæн лагерьтæм æмæ уым кусынц йæ хъомылгæнинæгтимæ.Æмбырды архайджытæ загътой – наркотиктæ парахат кæныны фарстайы стыр æргом аздахын кæй хъæуы афтекты æмæ транспорты куыстмæ дæр. Кæронбæттæн хатдзæгты Томайты Ирбег куыд загъта, афтæмæй фарста æнцон нæу, æппæт дунейы архайынц йæ ныхмæ, фæлæ саразын хъæуы мадзæлттæ, цæмæй нæ фидæн уа æнæниз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania