филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
21 апреля 2021, 12:22
Республикæйы ис 6 æрдæгарæзт хæдзары, сæ аразджытæ банкроттæ

Ацы хъуыддагыл Сергей Меняйло æрныхас кодта дзуапдæттæг оргæнтимæ

Цæгат Ирыстоны хъуамæ лыггонд æрцæуа, цæрæнуат райсынмæ фæрæзтæ чи бахаста, æмæ сайды чи бахауди, ахæм адæмы фарста. Ацы хъуыддагыл Сергей Меняйло æрныхас кодта дзуапдæттæг оргæнтимæ. Республикæйы ис 6 æрдæгарæзт хæдзары. Сæ аразджытæ банкроттæ. Баххуыс уыдзæн, республикæйы бюджетæй ма æхца куы бахæссой, уæд. Фæрæзты нымæц 98 милуан сомы. Сергей Меняйло бахæс кодта, æндæр хæрдзтæй ма алыг кæнгæйæ фæрæзтæ ссарын. Ныхас цыди аварион цæрæнуæтты уавæрыл дæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Таматы Майрæны ныхæстæм гæсгæ, профилон программæмæ хаст æрцыдысты Дзæуджыхъæу, Дигора, Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районтæ. 41 кæлæддзаг хæдзары цæрджытæ райсдзысты ног цæрæнуæттæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ацы проекты гæнæнтæ хъæуы бахъахъхъæнын æмæ кæмæн æмбæлы, ахæм адæмы цæрæнуæттæй сифтонг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania