16 августа 2024, 11:06
Республикæйы йæ куыст райдыдта хæрзмыггаг картоф зайын кæныны XI-æм Æппæтадæмон наукон-практикон форум
Архайынц дзы 200 специалистæй фылдæр Уæрæсейæ, Индийæ, Чили, Перу æмæ Кыргызстанæй. Форумы программæ у хъæздыг. Специалисттæ ныхас кæнынц сæ къабазы раззагдæр хъуыддæгтыл, нырыккон технологитыл, фидæнмæ нысантыл. Уымæй дарддæр форумы архайджытæ бабæрæг кодтой Цæгат Кавказы селекцион центр, бæрзонд хæхты демонстрацион быдыртæ æмæ хъомылгæнæн бынæттæ.
Форумы программæйы ма арæзт æрцыд картофы уæрæсейаг мыггæты дегустаци. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ форум арæзт фæцæуы алы аз августы. У ахсджиаг æмæ пайда мадзал ацы къабазы кусджытæн. Уымæн æмæ специалисттæ кæрæдзийæ базонынц нырыккондæр технологиты тыххæй, æмæ сфидар кæнынц æмгуыстады бадзырдтæ.
темæмæ гæсгæ




