Цæмæй Цæгат Ирыстоны цæрджытæ уазæлттыл хъарм хæдзæртты сæмбæлой, уый тыххæй æлхæд æрцыди хъæугæ кусæнгæрзтæ
Республикæйы кæронмæ фæхæццæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Цæмæй Цæгат Ирыстоны цæрджытæ уазæлттыл хъарм хæдзæртты сæмбæлой, уый тыххæй æлхæд æрцыди хъæугæ кусæнгæрзтæ. Фыццаградон куыстытæй иу уыди чи нал бæззы, уыцы хъармгæнæн хæтæлтæ аивын. Специалисттæ бæрæг кæнынц цы аиппдзинæдтæ ма дзы ис, уыдон, æмæ сыл цыбыр æмгъуыдмæ бакусынц. Уымæй уæлдай, бæстон цæстдард цæуы хъармгæнæнты куыстмæ. Сæ фылдæр ныридæгæн сты модернизацигонд æмæ кусынц автоматикон æгъдауæй. Куыстытæ кæронмæ куы фæуой, уæд та специалисттæ бавналдзысты объектты эстетикон уавæр сраст кæнынмæ. Хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты 1-æм октябры онг




