17 апреля 2026, 10:34
Республикæйы клиникон рынчындоны байгом дыууæ сæрмагонд палатæйы
Уæлæмхасæн фадæттæй ифтонг сты, йæ авналæнтæ æххæст кæмæн не сты, ахæм рынчынтæн
Республикæйы клиникон рынчындоны байгом дыууæ сæрмагонд палатæйы, Уæлæмхасæн фадæттæй ифтонг сты, йæ авналæнтæ æххæст кæмæн не сты, ахæм рынчынтæн. Палатæты ис æппæт хъæугæ хъæддзаума æмæ æндæр уавæртæ, цæмæй рынчынтæ сæхи æнкъарой зæрдæйы фæндон. Медицинон куыстуаты куыд загътой, афтæмæй ахæм ногдзинæдтæ царды рауадзын у рынчынтæн сæхи курдиат. Хуымæтæг палатæты нæ уыди инвалидты коляскæтæй пайда кæнын, зындзинæдтæ æййæфтой уæззау рынчынтæ. Ныр хъуыддаг аивта. Республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Митциты Астаны ныхæстæм гæсгæ ма фидæны фæнд кæнынц ноджыдæр цалдæр ахæм палатæйы байгом кæнын.




