филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:58 воскресенье, 01 февраля 2026
23 августа 2019, 12:50
Республикæйы Конституцийы статьятæм ивддзинæдтæ бахæссыны фарстайыл ныхас цыди, Битарты Вячеслав разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæйæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй республикæйы сæйраг закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæндон бахаста Конституцион тæрхондон

Республикæйы Конституцийы статьятæм ивддзинæдтæ бахæссыны фарстайыл ныхас цыди, Битарты Вячеслав разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæйæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй республикæйы сæйраг закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæндон бахаста Конституцион тæрхондон. Ацы азы майы арæзт æрцыди, алы ивддзинадыл дæр чи бакуыста, æмæ йæ кæронбæттæн уынаффæ чи рахаста, ахæм кусæг къорд. Фæлæ фæндонты фылдæр хай кусæг корды уæнгтæ растыл нæ банымадтой. Уымæ гæсгæ, фарста рахастой сæрмагонд къамисы æмбырды боны фæткмæ. Къамисы уæнгтæ ивддзинæдты иу хай банымадтой растыл, иннæтæ баззадысты иуфарс. Конституцион тæрхондонæн ныр хъуамæ проект арвитой Парламентмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania