филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:13 суббота, 28 сентября 2024
09 апреля 2020, 15:50
Республикæйы коронавирусæй тæссагдзинад куыддæр фæзынд, афтæ супермаркеттæ фæкъаддæр кодтой фыццаджыдæр хъæугæ хойраджы æргътæ

Ныртæккæ дæр лимон, нуры æмæ имбиры аргъ тынг нæ хицæн кæны, раздæры æргътæй

Пандемийæйы уавæрты адæмы цард фенцондæр кæнын. Ахæм нысанимæ республикæйы экономикон рæзты министрад бадзырдтæ аразы, æргътæ чи нæ фæбæрзонд кодта, фæлæ, уый хыгъд, фыццаджыдæр хъæугæ товарты аргъ чи фæкъаддæр кодта, уыцы  дуканитимæ.

Республикæйы коронавирусæй тæссагдзинад куыддæр фæзынд, афтæ супермаркет «Деликат » фæкъаддæр кодта фыццаджыдæр хъæугæ хойраджы  æргътæ.  Ныртæккæ дæр лимон, нуры æмæ имбиры аргъ тынг нæ хицæн кæны, раздæры æргътæй. 

Æргътыл нæ бафтыдта супермармаркет «НАШ» дæр.

Бирæ амалхъом адæм ахсджиаг продукттæн сæвæрдтой, цас æмбæлы, уымæй къаддæр аргъ. Дæнцæгæн æрхæссæн ис «Чиба». Бирæ рæтты кърупатæ, сæкæр, ссад æмæ халсарты æргътæ  ноджы фæасламдæр кодтой. Уымæй уæлдай æххуысхъуаг адæмæн ам дзул сæ бон райсын у лæвар.

Агропромышленнон холдинг Мастер-прайм «Березка» дæр йæ продукцийы аргъ фæкъаддæр кодта 20% , кæд æмæ куыстуаты хæрдзтæ фæфылдæр сты.

Уымёй уæлдай «Березкæ» æхсырæй лæвар æфсады тагъд æххуысы клиникон рынчындон, ахæм хуызы зæгъы бузныг йæ дохтыртæн. Республикæйы экономикæйы министрад ныртæккæ ныхас кæны бынæттон базаргæнæн хызæгтимæ, цæмæй фæуæрæхдæр кæной, асламдæр аргъæй сæ продукци балхæнæн кæм ис, уыцы  бынæттæ.

Ныртæккæ министрад ныхас кæны цалдæр егъау дуканиимæ, уыдон цæттæ сты ацы зын уавæрты аслам æргътæй сæ продукци уæй кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania