филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
01 июля 2020, 16:55
Республикæйы кусынц 322 участочы

Се ппæты дæр æххæст кæнынц æдасдзинады домæнтæ

Æвзæрстыты сæйраг боны агъоммæ, адæм хъæлæс кодтой районты дæр. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй республикæйы кусынц 322 участочы. Се ппæты дæр æххæст кæнынц æдасдзинады домæнтæ. Не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта Æрæфы æмæ Алагиры районтæ.

Æвзарæн хайады æххæст кæнынц санитарон домæнтæ – барынц буары тæвд æмæ кæд гуырысхойаг уа, уæд хицæн ранмæ йæ акæнынц æмæ бадзурынц дохтырмæ.

Æвзарæн хайадмæ адæм бахизынц иугæйттæй æмæ слæууынц дæрддзæф.

Æдæппæтæй Æрæфы районы ис 16 æвзарæн хайады. Адæмæн фадат ис сæ кæрты дæр схъæлæс кæнынæн.

Æрæфы районы цæрджытæн сæ фылдæр радтой сæ хъæлæстæ.

Раиса Салехова кусы почтæйы. Æвзарæн хайадмæ æрбацыд, уымæн æмæ  æмбары алы хъæлæс дæр аивдзæн нæ бæстæйы фидæн.

Æвзарджытæн цæмæй æнцондæр уа, уый тыххæй сæрмагонд хайæдтæ байгом кодтой нæ республикæйы дæрддзæф хъæуты дæр. Мызуры ис дыууæ æвзарæн хайады – сывæллæтты рæвдауæндоны æмæ бынæттон администрацийы. Бæстыхаймæ æвзарджыты уадзынц иугæйттæй.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты æмсæрдар йæ райгуырæн Мызурмæ ацыд, цæмæй ам схъæлæс кæна. Йæ хъуыдымæ гæсгæ цы ивддзинæдтæ бахастой, уыдон фæахъаз уыдзысты нæ иумæйаг цард фæхуыздæр кæнынæн.

Æдасдзинады домæнтæ æххстгæнгæйæ Алагиры æвзарæн хайад ис уынджы. Хъæлæс кæнын фæткыл бакуыстой алы лыстæг хъуыддаг хынцгæйæ. Ацы бонмæ сæхи бацæттæ кодтой лæмбынæг. Ацы сахат нырма æвзæрстытæ сты сæ тæмæны. Рагагъоммæйы хатдзæгтæ базонæн уыдзæн райсом..

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania