филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:23 суббота, 29 июня 2024
03 февраля 2022, 14:07
Республикæйы нæ фаг кæныныц бырæтты урнæтæ

Ног урнæтæ арæзт æрцæудзысты иу стильмæ гæсгæ

Горæты æддаг бакаст аразгæ у бирæ хъуыддæгтæй. Аив æмæ сыгъдæг уынгтæй дарддæр ма хъуамæ бæлвырд рæтты уой бырæтты урнæтæ. Уымæн ис сæрмагонд фæтк. Зæгъæм, се хсæн хъуамæ уа 100 метры. Стæй ма хъуамæ уой бандæтты æмæ базарадон центрты раз. Бырæтты урнæтæй цух æййафынц Беслæны, Архонкæйы æмæ æндæр рæтты. Фарста равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр радзурдзæн Бокоты Виктория.

Уынгты урнæтæй цух æййафынц канд Беслæны нæ. Ацы фарстайæ тыхсынц Архонкæйы цæрджытæ дæр.

Станицæйы цæрджытæ æмхъæлæсæй дзурынц  – сæ бырæттæ кæдæм æппарой, уый сын нæй. Алыхуызон цъæрттæ, афтид æвгтæ, чъиутæ. Зæгъæн ис, æмæ адæм алцыдæр æмбырд кæнынц сæ дзыппыты. Бынæттон цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ  урнæтæ сты алы хъæуы æмæ горæты сæйраг атрибут. Станицæйы та сты æрмæстдæр парчы.

Фæткмæ гæсгæ, бырæтты ассыктæ хъуамæ кæрæдзийæ уой 100 метры дæргъы, стæй ма бандæтты раз дæр. Алы киоскы æмæ дуканийы раз  дæр хъуамæ уа, 10 литры кæм цæуа, ахæм урнæ. Архонкæйы цæрджытæ та зæгъынц, урнæтæ нæй суанг егъау базарадон центрты раз дæр.

Не сфæлдыстадон къорд сфæнд кодта дуканиты хицæутты бафæрсын, сæ цур бырæтты урнæтæ цæуыннæ ис, зæгъгæ. Алкæмæй дæр райстам бæлвырд дзуапп.

Архонкæйы администрацийы та райстам ахæм дзуапп, ома адæм фылдæр кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæтты урнæтæ нæ фаг кæнынц. баивынц сæ алы аз дæр.

Дзæуджыхъæуы дæр бырæтты урнæтæ нæ фаг кæнынц. Санитарон эпидемиологон домæнтæм гæсгæ хъуамæ уой алы æрлæууæн бынаты дæр. Фæлæ арæхдæр вæййынц саст, кæнæ та дзы уæвгæ дæр нæй. Æхсæнадон транспортæн ацы æрлæууæн бынат ис Владикавказскийы уынджы. Урнæ дзы цымæ уæвгæ дæр никуы уыд, афтæ. Ныртæккæ горæты ис 600 бырæтты контейнеры. Фæлæ уыдон дæр фаг не сты. Ацы аз ма сæм бафтаудзысты ноджыдæр 1200. Фæзындзысты машинæты фæндæгты, магистралон уынгты, дуканиты æмæ æхсæнадон транспортæн æрлæууæн бынæтты раз. Саив ма кæндзысты ног фæлладуадзæн зонæты интерьер дæр.

Ног урнæтæ арæзт æрцæудзысты иу стильмæ гæсгæ. Се ддаг бакаст аивгонд уыдзæн хъæдæрмæгæй. Ныридæгæн уал ахæм урнæтæ сæвæрдтой Сабырдзинады проспекты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania