филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 воскресенье, 01 февраля 2026
07 декабря 2023, 11:17
Республикæйы наркоманийы ныхмæ тох кæныны мадзæлттæ хъæуы фæкарздæр кæнын – Сергей Меняйло

Дзуапдæттæг ведомствæтæм фæсидт, цæмæй фарстайыл архайд цæуа активондæрæй

Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы территорийы наркоманийы ныхмæ тох кæныны мадзæлттæ хъæуы фæкарздæр кæнын. Дзуапдæттæг ведомствæтæм фæсидт, цæмæй фарстайыл архайд цæуа активондæрæй. Наркотикты ныхмæ тох кæныны къамисы æмбырды регионы Сæргълæууæг йе ргом аздæхта, синтетикон наркотикты æнæзакъон зилдух кæй рапарахат, стæй нартотикты аххосæй адæймаджы æнæниздзинад куы фæцуды, ахæм цаутæ дæр фæфылдæр сты. Ацы азы 10 мæймæ барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой, наркотикты зилдух кæм цыди, ахæм 33 каналы, уыдонæй 24 -ы уыдис синтетикон наркотиктæ. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæй бадомдта, цæмæй наркотикты чи ивы, ахæм препараттæ æнæ рецепттæй кæм уæй кæнынц, уыцы афтекты разамонджытæм домæнтæ фæкарздæр кæной. Сергей Меняйло зæрдыл æрлæууын кодта, Хуссар Ирыстонимæ арæнтыл уавæрмæ бæрнондæрæй æркæсын уыимæ, цæстдарæн-уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæджы» дæр. Боны фæткмæ ма хаст æрцыди æндæр фарста дæр. Фæндаггон фыдбылызты чи бахауы, уыдонмæ наркотиктæ хæццæ кæны, æви нæ, уый бынаты бæрæг кæнын. Бирæты дзы диспансермæ аласыны фадат се нæниздзинадмæ гæсгæ нæ вæййы. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тебиаты Сослан куыд загъта, афтæмæй ахæм цаутæ бæрæг кæныны тыххæй  1-æм декабрæй фæстæмæ республикæйы фæндæгтыл кусын райдыдта цæугæ медицинон комплекс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania