филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
23 марта 2022, 14:05
Республикæйы наркотикты æнæзакъон зилдухы уавæр раздæрау у карз

Уый тыххæй фехъусын кодтой наркотикты ныхмæ къамисы æмбырды

Республикæйы наркотикты æнæзакъон зилдухы уавæр раздæрау у карз. Уый тыххæй фехъусын кодтой наркотикты ныхмæ къамисы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Сергей Меняйло. Хъуыддаг гыццыл нывылдæр у Кировы, Æрæфы, Дыгуры æмæ Рахизфарсы районты. Хицæн ныхасы аккаг у, наркотикты аххосæй хъыгдард чи баййафы, ахæм адæмы регистраци. Уый та баст у, æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады, фæлхасадмæ цæстдарды управленийы æмæ мидхъуыддæгты министрады æмархайд æмбæлгæ æмвæзадыл арæзт кæй нæу, уыимæ, загътой æмбырды архайджытæ. Республикæйы Сæргълæууæг хорзыл банымадта кусæг къорд саразыны хъæппæрис. Йæ сæйраг нысан уыдзæни наркотикты аххосæй хъыгдард баййафыны хъуыддæгтæ æмбæхст куыд æрцæуынц, уый бæрæг кæнын. Æмбырды ныхас цыди, хи барæй чи æрзайы, ахæм гæныл дæр. Бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ сæ арæх афоныл нæ ныккæрдынц. Регионы разамонæг бахæс кодта, закъонхæлдтытæ рабæрæг кæнын, уыимæ ацы хъуыддагмæ прокуратурæйы æмæ цæстдарæн ведомствæты ргом раздахын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania