Ныхас дзы кодтой ахсджиаг темæйыл – бинонты хсæн сылгоймаг æфхæрд цæмæн цæуы, зæгъгæ.
Республикæйы Национ наукон библиотекæйы арæзт æрцыд фембæлд «Стоп насилию над женщиной!». Ныхас дзы кодтой ахсджиаг темæйыл – бинонты хсæн сылгоймаг æфхæрд цæмæн цæуы, зæгъгæ. Мадзал баст уыд сылгоймæгты бартыл тох кæныны бонимæ. Бæрæг æй кæнынц абон 25-æм ноябры. Æргом ныхасы сæйраг нысан уыд – æфхæрды цаутæ раргом кæнын. Ома кæд бинонты хсæн сылгоймаджы дæлдзиныг кæнынц, уæд хъуамæ йæ дзыхыл ма хæца, æмæ йæ бартыл дзура. Уыимæ фарстайыл хъæуы уæлдæр æмвæзадыл кусын. Бæлвырддæр та – Цæгат Ирыстоны саразын хъæуы сæрмагонд центр, цæмæй дзы комкоммæ телефон куса цыфæнды афон дæр. Æрæджы нæ республикæйы фæзынд змæлд «Хотæ». Йæ уæнгтæ фембæлды куыд радзырдтой, афтæмæй сæм сæ хъаст æххуысагур бирæ сылгоймæгтæ æрбахæссынц. Фæстаг дыууæ мæймæ та сæм æртхъирæнтæ æмæ æфхæрды тыххæй æрбацыд 30 хъасты онг. Æргом æмæ ахадгæ ныхасы архайдтой психологтæ, бартæ хъахъхъæнджытæ, зындгонд политикон æмæ æхсæнадон архайджытæ. Æмбырды уæвджытæн сæ хъуыдытæ загътой, йæхиуыл йæ бинойнаджы тызмæг ахаст чи банкъардта, ахæм сылгоймæгтæ.




