филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:51 вторник, 07 мая 2024
27 июня 2019, 17:05
Республикæйы паддзахадон хæс, бирæ азты дæргъы, фыццаг хатт бантыст фæкъаддæр кæнын

Æндæр азимæ абаргæйæ, фарон йæ бæрц уыд 222 милуан сомы къаддæр.

Республикæйы паддзахадон хæс, бирæ азты дæргъы, фыццаг хатт бантыст фæкъаддæр кæнын. Æндæр азимæ абаргæйæ, фарон йæ бæрц уыд 222 милуан сомы къаддæр.
Уый тыххæй республикæйы финансты министры хæдивæг Оксана Карова фехъусын кодта республикæйы парламенты æмбырды. Ацы азы райдианæй паддзахадон хæс у 9 миллиарды æмæ 500 милуан сомæй фылдæр, уый у 10% къаддæр. Æфтиæгтæ сты 28 миллиарды æмæ 70 милуан сомы, хæрдзтæ та 28 миллиарды 298 милуан сомы. Уыдон ахъаз уыдзысты 25 паддзахадон программæйы царды рауадзынæн. Æмтгæй хицауады бон сси хи æфтиæгтæй спайда кæнын. 2017-æм азимæ абаргæйæ, фарон уыдысты 10% фылдæр. Депутаттæ æрдзырдтой медицинон къабазы рацарæзты фарстатыл дæр. Социалон политикæ, æнæниздзинад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ куыд бафиппайдта, афтæмæй раздæры азты реформæ бæрæг дары, фæлæ хъæуы лæмбынæг кæсын, кæннод медицинон лæггады хæрзхъæддзинадæн тæссаг у фæцудынæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania