филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:55 суббота, 21 сентября 2024
28 июня 2019, 15:05
Республикæйы парламенты уæнгтæ абон фембæлдысты сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтимæ

Рæзгæ фæлтæр депутаттæн радзырдтой, фидæнмæ сæм цы фæндтæ æмæ нысантæ ис, уыдоны тыххæй.

Республикæйы парламенты уæнгтæ абон фембæлдысты сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтимæ. Рæзгæ фæлтæр депутаттæн радзырдтой, фидæнмæ сæм цы фæндтæ æмæ нысантæ ис, уыдоны тыххæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй зæгъæн ис, се ппæты дæр фæнды колледжтæм æмæ техникумтæм бацæуын. Се ргом здахынц хæринаггæнæджы, машинæтæ аразыны æмæ аразæджы дæсныйæдтæм. Сидзæр сывæллæтты хæдзæртты разамонæджытæ раппæлыдысты сæ хъомылгæнинæгтæй, æмæ загътой, ахуыр кæнынмæ кæй бæллынц, уый. Алексей Мачнев загъта, йæ зæрдæ кæй дары, ацы фæсивæдæй аккаг адæм кæй рауайдзæн, æмæ нæ бæстæйæн пайда кæй уыдзысты, ууыл. Парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, республикæ цæттæ у ацы чызджытæ æмæ лæппутæн баххуыс кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania